«Уæллаг Ларс»-ы уадзæн пункты рог хæдтулгæты рад нал ис. Арæнхъахъхъæнæг æмæ таможнæйы службæтæ кусынц æрвылбоны фæткмæ гæсгæ. Уæдæ уæзласæн транспорты уавæрмæ дæр ис бæстон цæстдард.
Ныртæккæ республикæйы ис транзитон транспорты мин æмæ æрдæджы бæрц иуæджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ивгъуыд къуырийы дæргъы «Уæллаг Ларс»-ы арæны сæрты дыууæрдæм кæй ахызт 60 мин адæймагæй фылдæр.
















