preloader
сейчас в эфире
02:05
ОТЧИЙ БЕРЕГ (14-АЯ СЕРИЯ) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
02:40
ХАБÆРТТÆ ( ПОВТОР) 12+
03:00
ОТЧИЙ БЕРЕГ (15-16 СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
ОТЧИЙ БЕРЕГ (14-АЯ СЕРИЯ) 12+
close

Дедегкаты Хусин Донбассæй ралидзæг адæмæн гуманитарон æххуыс бакодта

25.03.2022 13:25

Дедегкаты Хусиныл цæуы 90 азы. Хабæрттæм кæсгæйæ, йæ зæрдæ æппынæдзух æхсайы. Нымайы, æххуысы къух бадарын алкæй хæс дæр кæй у. Сиды Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй кæной гуманитарон æххуыс.

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар дæр, Донбассæй ссæуæг адæмы фарсмæ чи ‘рбалæууыд, уыдонæй иу у. Дедегкаты Хусиныл цæуы 90 азы. Йæ сабибонтæ æрцыдысты хæсты фæстæ уæззау азтæм. Уыд, райгуырæн бæстæ ногæй йæ къахыл чи лæууын кодта, уыдоны ‘хсæн. Абон дæр искæйы зындзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы. Донбассы цæрджытæн гуманитарон æххуыс æрбахаста фыццæгты ‘хсæн. Хæлар зæрдæйы хицауимæ фембæлдысты ме ‘мкусджытæ.


Дедегкаты Хусин хæсты фыдæбæттæ раджы бавзæрста. 1941 азы фашисттæ Советон Цæдисмæ куы æрбабырстой, уæд нырма хæрз чысыл уыд. Тохы быдырмæ ацыд йæ хистæр æфсымæр. Æмæ йын алы дæр æнхъæлмæ каст йæ фыстæгмæ, стæй фембæлдмæ. Фæлæ бинонтæ райстой «сау гæххæтт». 44-æм азы Ростовы бын фæмард. Уыцы рæстæг Хусин бауарзта хæстон зарджытæ. Йæхæдæг дæр сæ зары. Зæгъы, уæд мæ зæрдыл ме ‘фсымæр æрлæууы, зæгъгæ.

Знаджы Ирыстонæй куы фæсырдтой, уæд Хусин йæ ахуыр адарддæр кодта. Фондз къласы каст фæци. Уыд, адæмон хæдзарад сæндидзын кæныны хъуыды фыццаг кæмæ фæзынд, уыдоны ‘хсæн. Фæстæдæр та бацыд Орджоникидзæйы æрмгуысты училищæмæ. Сахуыр кодта автомеханикыл. Цалдæр мæйы акуыста колхозы йæ хотимæ. Хæсты быдырмæ хойраг æрвыстой. Тагъд рæстæджы йæм Советон Æфсады рæнхъытæм фæсидтысты.

Абон нæ алыварс цы цаутæ цæуынц, уыдон Дедегкаты Хусинæн зонгæ сты. Ног хабæрттæм йæ хъус дары телеуынынадмæ æмæ газеттæ кæсгæйæ. Иуварс лæууын йæ бон нæу. Гуманитарон æххуысы пунктмæ æрбахаста хъæццултæ, халсартæ йæхи цæхæрадонæй æмæ, зымæгмæ цы æвæрæнтæ скодта, уыдонæй. Загъта, сабитæн дзы фæхай кæнут, зæгъгæ. Хæсты сывæллон хорз хъуыды кæны, уыцы рæстæг ын фылдæр цы нæ фаг кодта, уый.

Дедегкаты Хусиныл цæуы 90 азы. Хабæрттæм кæсгæйæ, йæ зæрдæ æппынæдзух æхсайы. Нымайы, æххуысы къух бадарын алкæй хæс дæр кæй у. Сиды Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй кæной гуманитарон æххуыс.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
27.07.2026 | Самое время
27.07.2026
Мастера преображений I Доброе утро, Осетия!
27.07.2026
В итоге: 26.07.2026
26.07.2026
Елхоттæй дарддæр I 26.07.2026
26.07.2026
Республиканский колледж культуры РСО-Алания I Аккорды мыслей
25.07.2026
Дронтимæ кусджытæ, Хестанты Победæйы мысгæйæ æмæ Роман Алиевы ног хъæппæристæ | Йæ рæстæгыл
24.07.2026
Давид Дзукаев I По большому счету
24.07.2026
День эсперанто и День парашютиста I Доброе утро, Осетия!
24.07.2026
Кадры I Выпуск №1
23.07.2026
Юные экскурсоводы, школа альпинизма и туризма, а также актуальные новости недели | Самое время
23.07.2026
Зарӕггӕнӕг ӕмӕ психолог I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
23.07.2026
Инга Хабалова I Дело мастера
22.07.2026
Качество образования: итоги года и задачи на перспективу I Национальные интересы
22.07.2026
День мозга и день сбора ягод I Доброе утро, Осетия!
22.07.2026
Адæмон фронты æрвылазон форум, журнал «Мах дуг»-ы преми æмæ уæлахиздзау артист | Йæ рæстæгыл
21.07.2026
Все рекомендуемое