Цы ма уа Кавказы музыкæйæ аивдæр? Уæлдай дæр та доулийы цагъдимæ. Аивадæн стыр аргъ кæны Деметы Сослан. Йæ курдиат у æгæрон, уыимæ зивæг æппындæр нæ кæны. Алы архайд дæр ын у цымыдисаг. Кафæгыл ахуыр кæнгæйæ сразæнгард музыкалон инструментыл базонынмæ. Лæппу ахæм арæхстджын разынд æмæ цыбыр рæстæджы фæстæ къордæн сси ахуыргæнæг.
Æвзонг ахуыргæнæг йæ куысты бынатæн стыр аргъ кæны. Скъолайы урокты фæстæ Беслæнæй атагъ кæны Цæлыкмæ йæ уарзон ахуыргæнинæгтæм. Йæхиуыл æппынæдзух кусы, рæзы, уымæн æмæ йыл бæрнон хæс æвæрд ис — йæ æмгæртты æмæ уыдонæй кæстæрты сахуыр кæнын доулийыл цæгъдын, базонгæ сæ кæнын æппæт сусæгдзинæдтимæ. Разамынд дæтты сывæллæтты дыууæ къордæн.
Цæлыччы музыкалон къордæн стыр аргъ кæнынц. Æппынæдзух сæ бацагурынц алыхуызон мадзæлтты. Бирæ хæттыты систы конкурсты уæлахиздзаутæ. Æрæджы Налцыччы фестивалы райстой Гран-При. Фæсивæд Сосланы разамындæй сæ размæ стыр нысантæ æвæрынц. Ныр дæр та сæхи цæттæ кæнынц ног æркастмæ. Демейы-фырт йæ æнтыстджын архайды сусæгдзинадыл нымайы æрвылбон хиуыл куыст.
Фидæны Сосланы фæнды инженеры дæсныйад райсын, фæлæ сфæлдыстадон архайд ныууадзын фæнд нæ кæны. Йæ равзæрст фæндаджы сæйраг нысан у нæ культурæ, нæ æгъдæуттæ, нæ аивад бахъахъхъæнын æмæ йыл узæлын, цæмæй фылдæр кæстæртæ разæнгард кæной нæ хæзнатæ зонынмæ.
















