Бицъоты Моникæйæн барæг суæвыны хъуыддагимæ йæ зæрдæ дзуры сабибонтæй. Бæхыл бадын æй сахуыр кодта йæ дада. Амыдта йын бæстон алцы. Афтæмæй, фондз азы размæ чызг ацы спортмæ æрбацыд. Ныртæккæ йын ис йæхи цыппæркъахыг æмцæдисон — Баксан. Моникæ йын йæ зæрдыуаг æмæ алы æнкъарæн дæр æмбары.
Лæгты Дзуармæ кувæн къуырийы кадæн дугъы уыд 1 400 метры дистанци. Уымæй Моникæйæн æцæг фæлварæн рауад. Ахæм ерысты фыццаг хатт архайдта. Нæ йæм хъæугæ дарæс уыд, нæ иннæ ерысгæнджыты йас фæлтæрддзинад. Фæлæ уæддæр фæуæлахиз. Æппынæдзух тренировкæты фæрцы, йæ англисаг-кæсгон бæх Баксанимæ, равдыстой иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ.
Бæхты спортæй уæлдай, Моникæ цæуы кафджытæм. Уæдæ скъолайы дæр хорз ахуыр кæны. Курдиатджын, зондджын, хæдæфсарм — ахæм æй хонынц йæ ахуыргæнджытæ. Цы хъуыддаджы ныллæууы, уым зæрдæргъæвд у, æнæмæнг.
Моникæйы фæнды йæ цард бæхты спортимæ сбæттын. Йæхи цæттæ кæны ноджы егъаудæр ерыстæм. Зоны йæ, стыр æнтыстдзинæдтæ æнæрлæугæ куысты фæрцы кæй бафтынц къухы. Ацы спорты бæрзæндтæм схизынæн ты æппæт дæр ис чызгмæ: курдиат, куыстуарзондзинад, бинонты æххуыс æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хæлар Баксан.
















