Дигорайы дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ тагъд рæстæджы зонындзинæдтæ исдзысты аккаг уавæрты. Паддзахадон программæты фæлгæты ахуырадон уагдоны уыд бындурон цалцæг. Ныртæккæ скъола æфснайынц æмæ дзы специалисттæ æвæрынц ног ифтонггæрзтæ.
Скъолайы æртæуæладзыгон бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ æрхæццæ кæнынц. Архайд ма цæуы æрмæст кательнӕ æмæ сортивон залы. Хæрæндонмæ та æрбаластой ног ифтонггæрзтæ. Сывæллæттæ зонындзинæдтæ исдзысты хуыздӕр уавæрты. Зæгъæм, ацы кабинеты физикæ ныр бæстондæрæй ахуыр кæндзысты. Уый тыххæй сын ис нырыккон ифтонггæрзтæ. Æхсызгон у куыд сывæллæттæ, афтæ хистæртæн дæр.
Бындурон цалцæджы фæстæ скъола æфснайыныл архайынц скъоладзаутæ сæхæдæг дæр. Къорды ‘хсæн Сабанты Алыксандр. Куыд зæгъы афтæмæй, йæ райгуырæн скъолайы ивддзинæдтæ йæ зæрдæмæ цæуынц.
Æртæуæладзыгон бæстыхай сарæзтой 70-æм азты. Уæдæй нырмæ цалцæг нæ баййæфта. Куыстытæм бавнæлдтой ацы аз, майы. Хатдзæгтæ сты æнтыстджын. Иннæ дыууæуæладзыгон бæстыхайы цалцæгмæ фæнд кæнынц иннæ аз базилын. Абонæй фæстæмæ та сывæллæтæ зонындзинæдтæ исдзысты, рагæй кæмæ бæллыдысты, ахæм уавæрты.
















