Документалон кино ирæтты цард æмæ культурон-историон бастдзинæдты тыххæй Петербургы исдзæн Мæскуыйаг агентад «AVA studio». Ирон æмæ уырыссаг æдæмы бастдзинад сфидар, 18-æм æнусы Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уæд.
Куыд райдыдтой ирон адæмæн сæ ахастдзинæдтæ уырысимæ, цавæр цард æмæ хъысмæт сын уыд, – æппæт уыдæттыл бæлвырдæй æвдыст уыдзæн кинойы. Национ ахастдзинæдты фæдыл министрады хъæппæрисæй ацы аз æвдыст æрцæудзæн.















