Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрад Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлениимæ райдиан скъолайы ахуырдзаутæн снысан кодта иумæйаг меню. Дзуапп дæтты санэпедстанцæйы домæнтæн. Менюмæ бахастой сывæллæтты кармæ гæсгæ хъæугæ хæринæгтæ.
Уыдзысты цалдæр хуызыг: салаттæ, алыхуызон хæрмхуыппытæ, тæвд хæринаг дзидза, карчы фыд æмæ кæсагимæ. Семæ сын гарнирæн æвтаудзысты картофы ссæст, сауфагæ æмæ мæнæуы фых, макъаронтæ кæнæ къабуска сурвыхæй. Уымæй уæлдай ма менюмæ хаст æрцыдысты къæдорæй конд хæринæгтæ, дыргътæ, нуазынмæ та -цай, какао, кисель, дыргътæ æмæ халсарты дæттæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, скъоладзаутæн сихоры хæрд кæныны тыххæй хъæппæрис разынд Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ. Фæбæрæг æй кодта Федералон Æмбырдмæ æрвылазон ныстуаны. Паддзахадон Думæмæ ацы хъæппæрис бахастой 1-æм февралы. Ахуырдзаутæн лæварæй тæвд хæринаг хæрын кæныны тыххæй закъон сæххæст кæнынæн Цæгат Ирыстонæн рахай кодтой 161 милуан сомы субсиди, регионалон бюджетæй та хардзгонд æрцæудзæн 12 милуаны.















