preloader
сейчас в эфире
14:34
"АМОНДДЖЫН ХÆДЗАР" АВТОРСКИЙ КОНЦЕРТ АЛЬБИНЫ СЕКИНАЕВОЙ 12+
Смотрите Далее
15:25
В СВОЕМ КРУГУ 12+
16:50
ХОЧУ В АЛАНИЮ 12+
17:45
ХЪУСЫНГӔНИНÆГТӔ 12+
17:50
ВОЛШЕБНАЯ СВИРЕЛЬ 12+
18:40
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
"АМОНДДЖЫН ХÆДЗАР" АВТОРСКИЙ КОНЦЕРТ АЛЬБИНЫ СЕКИНАЕВОЙ 12+
close

Дреты Тамарæ 30 азы дæргъы сывæллæтты æмхиц кæны ирон æвзагмæ

7.10.2021 13:39

Æрæджы йæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло схорзæхджын кодта республикæйы хуыздæр ахуыргæнæджы номæй.

Ахуыргæнæджы дæсныйадæн кæддæриддæр кодтой стыр аргъ. Уымæн æмæ кæстæрты зондахаст, фыццаджыдæр, ахуыргæнæгæй аразгæ у. Ацы зын, фæлæ ахадгæ дæсныйад чи равзары, уыдон та кæддæриддæр вæййынц кады аккаг. Сечеры скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дреты Тамарæ йæ уды хъармæй сабиты батавы ныр 30 азы. Æрæджы йæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло схорзæхджын кодта республикæйы хуыздæр ахуыргæнæджы номæй. Фæлæ Тамарæ йæ хуыздæр хæрзиуæгыл нымайы йæ ахуырдзауты æнтыстдзинæдтæ.


Ирон литературæйы урок Сечеры скъолайы 6-æм къласы. Абоны темæ баст у Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимӕ. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дреты Тамарæ алы скъоладзаумæ дæр лæмбынæг хъусы.

Тамарæ куыд зæгъы, афтæмæй алы адæймагмæ дæр царды цавæрдæр бæллиц вæййы. Æмæ цæмæй йæ къухты бафта, уый тыххæй йын хъуамæ йæ равзæрст дæсныйад дæтта æхцондзинад. Пайда та хæсса æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма, йæ алфæмблайы цы адæм ис, уыдонæн дæр. Уæвгæ, алы куыст дæр хорз у, зæрдæйæ ӕвзарст куы уа, уæд. Фæлæ ахуыргæнæджы фæллой кæддæриддæр кадджындæр уыд. Уæлдайдæр та — мадæлон æвзаджы ахуыргæнæг.

Ахуыргæнæджы зын, фæлæ кадджын дæсныйад Тамарæ равзæрста сабийæ, æмæ йыл абоны онг у æнувыд. Ныр дæр ма ‘рымысы, фыццаг хатт сабиты размæ куы ‘рлæууыди, уæд æй зæрдæйæ куыд банкъардта, ацы фæндагæй йын фездæхæн кæй нал ис, уый.

Сывæллонæн мадæлон æвзаг бауарзын кæныны хъуыддаджы ахуыргæнæджы хæстæ егъау сты, зæгъы Дреты Тамарæ. Сечеры цæры æппæты стырдæр хæзна – фыдæлты буц æвзаг.

Дреты Тамарæ ахуырдзаутæн канд ирон æвзаг æмæ литературæ нæ амоны, фæлæ сӕ ахуыр кӕны рæстзæрдæ, æргом, рæстзонд уæвыныл. Цæмæй цыфæнды цæлхдурты сæрты дæр ахизын фæразой. Æмæ уый, æцæгæйдæр, амонд у – ахæм ахуыргæнæгыл фембæлын.

Дреты Тамарæ 30 азы дæргъы цæсгомджынæй хæссы ахуыргæнæджы æцæг ном. Йæ зæрдæ нӕдӕр йӕ уарзон дæсныйадыл ивы, нæдӕр йæ райгуырæн скъолайыл. Куыд æрыгонæй, афтæ ныртæккæ дæр, у домаг йæхицæй ӕмӕ йæ ахуырдзаутæй дæр. Уæдæ æхсæнады дæр у нымад æмæ кадджын.

Æрæджы Дреты Тамарæйæн радтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы ном.

Тамарæ йе ‘скъоладзаутæн сæ алы къахдзæфмæ дæр йæ цæст дары, уæдæ сын сæ зæрдæхудты бацæуын дæр никæйы бауадздзæн. Йæхи хоны амонджын, æрвылбон сывæллæттæн «Уæ райсом хорз» зæгъын йæ бон кæй у, уымӕй.

Дзæдзойты Фатимæ

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Автоматизация I Бизнес сфера
11.06.2026
Купальный сезон в республике, сотрудничество между Тугановским и Всероссийским музеем декоративно-прикладного искусства, актуальные новости прошедшей недели | Самое время
11.06.2026
Подробнее I 11.06.2026
11.06.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон! I 11.06.2026
11.06.2026
Экватор ЕГЭ-2026 — курс на вуз: от экзамена до зачисления I Национальные интересы
10.06.2026
10.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
10.06.2026
Туризм | Разбор полётов
9.06.2026
Экономикон форумы хъомыс, картофы ног мыггæгтæ æмæ Рекомы бæрæгбон | Йæ рæстæгыл
9.06.2026
Æппæтадæмон хæлардзинады бон | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
9.06.2026
Ставд-Дуртæ. Уарзиаты Зарæ I Фæрдгуытæ
8.06.2026
Самое время I 08.06.2026
8.06.2026
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
Все рекомендуемое