preloader
сейчас в эфире
13:49
КАСАЕВ. ДИАЛОГИ 12+
Смотрите Далее
14:45
ПОСЛЕДНИЙ ИЗ МОГИКАН 12+
15:15
РАЗБОР ПОЛЕТОВ 12+
15:40
МУЗЫКÆ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
В СВОЕМ КРУГУ 12+
ТВ ПРОГРАММА
КАСАЕВ. ДИАЛОГИ 12+
close

Дуæртты байтыгътой!

21.05.2018 17:45

Цæлцæггæнæн куыстыты фæстæ Лескены байгом культурæйы хæдзар.

«Культурæ æмæ туризм»-ы рæзты федералон программæ æххæстгонд цæуы дарддæр. Ацы бонты Лескены байгом кодтой цалцæггонд культурæйы хæдзар. Адæм æм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Ныр сывæллæттæн фылдæр фадæттæ ис сæ курдиат раргом кæнынæн. Цы стыр концертон зал сын скодтой, уым та егъау бæрæгбæттæ аразынæн.

Культурæйы галуан байгом кæныны кадджын мадзалмæ алцыдæр цæттæ у. Цымыдисаг концертон программæ, бынæттон цæрджыты æмæ уазджыты хъæлдзæг зæрдæйы ахаст. Бæрæгбонмæ саккаг кодтой Кæсæг-Балхъары минæвæрттæ. Куыд фæзæгъынц, хорз сыхаг æвзæр хионæй хуыздæр у. Сырх лент алыг кæныны бар радтой хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразæн æмæ Лескены муниципалон районы социалон фарстаты управленийы сæргълæууæджы хæдивæгæн Мухадин Афауновæн.

Галуаны кусджытæ бирæ азты æнхъæлмæ кастысты ацы æхсызгон цаумæ. Бæстыхай бындуронæй цалцæггæнинаг уыд. Куыддæрты-иу æм бæргæ базылдысты, архайдтой, цæмæй фæрæсугъддæр уа, ууыл. Фæлæ уый фаг нæ уыд, бындуронæй йæм базилын хъуыд. Ныр бæстыхай цæст рæвдауы. Концертон залы ис 275 бадæн бынаты. Алыхуызон къордты та дзы уыцы иу рæстæг 100 адæймаджы бон у архайын. Театралон, кафджыты къорд, хъæдæрмæгимæ кусджыты секци, сценикон аив ныхасы æмæ чысыл тæнон оркестр – сфæлдыстады алы хуызтимæ базонгæ кæнынæн рæзгæ фæлтæрæнæн æппæт фадæттæ дæр ис.

Концертон программæ саив кæнынмæ æрцысты Анзорейы адæмон кæфтыты къорд. Ахæм концертæй сывæллæттæ разыйæ баззадысты. Куыд загътой афтæмæй, ахæм бæрæгоны сæ курдиат равдисын сын бæрнон хъуыддаг у.

Сæ ххуыс нæ бахæлæг кодта Лескенæй рацæугæ Хидирты Батрадз. Хорз ма хъуыды кæны йæ сабидуджы иу ацы галуанмæ куыд згъордта, уый. Æмб\æхсгæ дæр йæ неæ кæны. ацы бæстыхай йын тынг зынаргъ у. Æмæ йæ фæнды йе мхъæуккæгтæн, уæлдайдæр та сывæлæттæн исты хорздзинад ракæнын.

Бæстыхаймæ бындуронæй базилын къухы бафтыд федералон программæмæ гæсгæ. Йæ фæлгæты ма районты сцалцæг кæндзысты æмæ араздзысты ног культурæйы артдзæстытæ. Нырыдæгæн уал Заманхъулы æмæ Æхсæрисæры райдыдтой 2 культурæйы галуаны аразын. Бындуронæй цалцæг кæнынц Цыколайы æмæ Сырх-Дыгуры культурæйы хæдзæрттæ.  2019 азы сцæттæ уыдзысты. Куыд фæзæгъынц, сфæлдыстад у стыр бæлас æмæ йæм алкæддæр хъæуы зилын. Уæд фидæны рæсугъд дидинджытæ ракалдзæн æмæ адæмæн циндзинад хæсдзæн. Нæ культурæйы къæбиц та кæндзæн бæркадджын æмæ хъæздыгдæр.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
«Адæмон фронт»-ы акци, ахуырады ногдзинæдтæ æмæ мадæлон æвзаджы райрæзт | Йæ рæстæгыл
4.08.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон! I 04.08.2026
4.08.2026
Хуыдæлты Тотрадз I Фæрдгуытæ
3.08.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 9: Изучение позднеаланской культуры | Ossetica
3.08.2026
Капитальный ремонт в школах, этнофестиваль «Рон», Феликс Царикати I Самое время
3.08.2026
Реставрация I Доброе утро, Осетия
3.08.2026
В итоге: 2 августа
2.08.2026
Олег Тайсаев | Песни под звездами
2.08.2026
Гуыцмӕзты Ренат ӕмӕ Хекъилаты Мирӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
2.08.2026
Сослан Андиев I В своем кругу
1.08.2026
Саутӕ, буртӕ, мыдхуызтӕ I 01.08.2026
1.08.2026
Год единения народов России I Гвардия
1.08.2026
Зарождение промышленности Северной Осетии I Ход истории
31.07.2026
Цас хъусдаринаг сты æхсæнады сагъæстæ фидæныл æмæ нырыккон архитектурæйы фарстатæ | Йæ рæстæгыл
31.07.2026
31.07.2026 I Доброе утро, Осетия!
31.07.2026
Все рекомендуемое