Скæсæйнаг хæстыты хуызтæй чемпионат сывæллæтты `хсæн сарæзтой Дзæуджыхъæуы. Ахæм егъау æмæ стыр ерыстæ республикæйы уыдысты 10-æм хатт.
Турниры хатдзæгтæм гæсгæ самбойæ, каратэйы æртæ хуызæй, кикбоксингæй æмæ таиландаг боксæй – æдæппæтæй 12 хуызæй – рабæрæг кодтой тыхджындæрты. Ацы аз чемпионаты архайдтой мин адæймагæй фылдæрæй. 10 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ. Аккагдæртæ æрбахондзысты республикæйы иугонд командæмæ. Сентябры сын уыдзæн хæстон хъæбысхæсты ерысты архайыны бар. Турнир цæуыдзæн Анапæйы.
















