Таутиаты Таймураз тренировкæ кæны аст азы, ерыстæ æмæ æрвылбон хиуыл куыст. Фехтованимӕ йӕ ӕрбакодта йӕ фыд. Ӕмӕ ныртӕккӕ лæппу ис хуыздӕрты хыгъды бӕстӕйы иугонд командӕйы ӕппӕтадӕмон къласы спорты мастер – Годжиаты Владимиры номарӕн турниры.
Ацы спорты хуыз мæ зæрдæмæ цæуы. Аив æмæ цырд у. Фидæнмæ нысанты — фехтованийæ Уæрæсейы иугонд командæмæ бахауын. Дунейы, Европæйы чемпионаттæм æвзæрстытæ ацæуын. Дарддæр та Олимпаг хъæзтытæм.
400 дӕсныйӕ фылдӕр Уӕрӕсейы алы регионтӕй быцӕу кӕндзысты турниры хорзӕхтыл. Цӕгат Ирыстоны номӕй архайдзысты республикӕйы 30 тыхджындӕр спортсмены.
Ацы турнир у традицион, хауы æвзарæн къæпхæнмæ. Бирæ адæм ссæуы, æхсызгонæй бабæрæг кæнынц ацы турнир. Уымæн æмæ алкæддæр иттæг хорз цæттæгонд вæййы, хорз горæт, хорз адæм. Æхсызгон нын у, ныртæккæ ам кæй стæм, уый. Кæй нæ фæхуыдтой.
Ирон фехтованийы скъолайӕн ацы турнир ныридӕгӕн у спортивон историйы иу хай. Годжиаты Владимиры номыл ерыстӕ кӕнынц 27-ӕм хатт. Ӕртӕ азы размӕ райстой æппӕтуӕрӕсеон статус ӕмӕ бацыдысты ерысты официалон къӕлиндармӕ.
Турнир иумæйагæй нæ президенты, бæстæйы спорты министрады æххуысæй рауад. Уымæн æмæ æппæтуæрæсеон къæлиндармæ хуымæтæджы нæ бахауынц. Стыр æххуыс райстам, ацы турнир саразыны фæдыл. Стыр бузныг сæ стæм.
Иу архайджытӕн ацы старттæ сты тыхджындӕрты ныхмӕ тохы сӕ арæхстдзинад кӕныны фадат. Иннӕтӕн та — стыр спортивон нысанмӕ радон къахдзӕф. Ӕрмӕст ныр æрмæст майдантӕ нӕ, фӕлӕ ма фадат ис бӕстӕ ӕппӕтадӕмон аренӕйы равдисынӕн дӕр. Хуыздӕртӕ бацӕудзысты Уӕрӕсейы иугонд командӕмӕ.
















