“Фыранктæ” ныфсджынæй раздæхтысты зымæгон фæлæудæй. Зенитыл 3-1 хыгъдимæ фæуæлахиз сты, хæрæгсаст та Кубанимæ. Чемпионаты дыккаг хай райдыдтой ног тренеримæ. Дмитрий Фомин дзæуджыхъæуккаг клубы сæргы слæууыд дыууæ къуырийы размæ. Сезоны астæу командæ рацаразын æнцон нæу. Рæстæг ын хъæуы.
Тренеры фæлтæрддзинад дисы ‘фтауы. Цы клубтимæ куыста, уыдоны хыгъд егъау у. Спортсментæ йыл æхсызгонæй сæмбæлдысты. Хъæцмæзты Сосланы ныхасмæ гæсгæ, хъазты фæзынд ивддзинæдтæ – ныр уæлдай æргом здахынц алы лыстæгдзинадмæ дæр. Зæгъы, командæ разæнгардæй тырны уæлахизтæм.
“Фыранктæ” хъуыстгонд сты размæбырсæг футболæй – уыцы бындур тренер ивын нæ фæнд кæны. Йæ ‘ргом здахдзæн ирыстойнаг спортсментæм. “Алани”-йы академи алкæддæр цæттæ кодта курдиатджын хъазджыты сæйраг командæмæ. Ныр йæ 18 хъомылгæнинаджы архайынц спортсментимæ.
Разæй та ма Владивостоккы Динамоимæ фембæлд. Ирæттæ фыццаг бынаты турниры хыгъды. Фæлæ командæмæ нырма æнхъæлмæ кæсынц ахсджиаг мачтæ.
Фидæныл дзурын нырма раджы у, фæлæ æнæ дызæрдыгæй ис зæгъæн – ивгъуыд сезоны хатдзæгтæ командæйы ныфс нæ асастой. Алани дарддæр тырны размæ – бæрзонд нысантæм.
















