Адæймаг алы кары дæр хъуамæ исты хъуыддагыл хæст уа. Афтæ хъуыды кæны Доцоты Таисæ. Сылгоймагæн куыддæр уæгъд рæстæг фæзыны, афтæ атагъд кæны Æрыдоны районы социалон лæггæдты центрмæ. Ам хистæртæн сæ рæстæг пайдаимæ æрвитынæн сарæзтой æппæт уавæртæ дæр. Хистæртæ сæхи фæлварынц алы архайды. Таисæ фылдæр бийын уарзы. Арæхдæр скæны къабатæ, хæдæттæ, цъындатæ. Æрæджы та йæ хæлар сылгоймæгтимæ сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ нæ лæппутæн арвыстой хъæугæ дзауматæ.
Къуыри дыууæ хатты социалон лæггæдты центры — дæсныйад æвдисæн ахуыртæ – “Хозяюшка” æмæ “Мастерица”, зæгъгæ. Къорды архайджытæ хæйттæй сæмбырд кæнынц нывтæ, бисерæй скæнынц аив дзауматæ. Алчидæр ссары зæрдæмæдзæугæ куыст. Хистæр кары адæм æхсызгонæй æмæ пайдаимæ арвитынц сæ рæстæг. Сфæлдыстадон архайд æнæниздзинадæн пайда у, миддунейыл дæр хорзы ‘рдæм ахады.
Хистæртæн æмбæлгæ уавæртæ арæзт цæуынц программæ “Хистæр фæлтæр”-ы фæлгæты. Равдыстытæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, концерттæ, бæрæгбæттимæ баст мадзæлттæ. Уыимæ музейты æмæ историон бынæтты экскурситæ. Фембæлынц скъоладзаутæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтимæ – æвæрынц сæ раст фæндагыл, зонгæ сæ кæнынц нæ æгъдæуттимæ, радзурынц сын цардæй ист цаутæ.
Фæллой æмæ социалон райрæзты æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадты ‘хсæн æмархайды бадзырдмæ гæсгæ программæйы архайджытæ ацæуынц диспансеризаци. Æрвылмæй Æрыдоны сæйраг рынчындоны дохтырты бабæрæг кæнынц 25 адæймаджы.
Программæ “Хистæр фæлтæр” æххæстгонд цæуы бæстæйы алы регионты федералон проект “Демография”-йы фæлгæты. Йæ сæйраг нысан – карджын адæмы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын, фæуæрæхдæр сын кæнын сæ гæнæнтæ.
















