Сывæллæтты хъазæн фæз, дæс метры дарддæр стъол æмæ бандæттæ. Æвæрд сты Дзæуджыхъæуккаг уынгыл 29-æм бирæфатерон хæдзары фыццаг уæладзыгыл æхсæвæй-бонæй цы дукани кусы, уый цур. Бынæттон цæрджыты ныхасмæ гæсгæ, изæрыгæтты афтид никуы вæййынц — æнæ цæлгæнджытæ. Дзасохты Зæлинæйæн йæ лæппу инвалид у. Хъæлæбайы тыххæй æрвылæхсæв æгъуыссæг фæвæййы сывæллон æмæ йе ‘нæниздзинады уавæр ноджы февзæрдæр вæййы. Хицæнæй та дуканийы уазалгæнæнтæ æмæ кондиционеры уынæр хъыгдары адæмы. Подъезды сæрмæ аууонгæнæн æмбæрзт Зæлинæйæн йæ хуыссæнуаты тæккæ бынмæ ис. Уый сæрмæ дæр æппынæдзух схизы исчи.
Сылгоймаг йæ рудзгуыты сæрмæ камерæ сæвæрдта. Уый тамако æмæ нозтимæ адæмы æппынæдзух сисы хæдзары цур. Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй дуканийы хицауимæ аныхас кæнын не ‘нтысы. Нæ йæ фæнды цæрджыты хъæстытæм хъусын. Ам бирæ ацæргæтæ ис. Уыдоны зæрдæмæ дæр кæцæй цæуы нозтджын лæгты хылтæ æмæ хъæртæм хъусын.
Зæлинæ алыхуызон инстанцитæм дæр фæсидт, фæлæ нырма ивддзинæдтæ нæй. “Роспотребнадзор”-ы йын загътой, цæмæй администрацимæ курдиат ныффысса. Уырдыгæй йæ арвыстой Дзæуджыхъæуы административон къамисы архайды фæдыл управленимæ. Участокæн дзуапдæттæг пъæлицæйаг дæр нæ райхæлдта фарста. Иудзырдæй, хъуаддыгæн дзуапдæттæг бæрнад нæ разынд. Цæуылнæ? Ацы фарстайæн нырма дзуапп ссарын хъæуы.
















