Дзæуджыхъæумæ ссыдысты Бакулевы номыл наукон центры дохтыртæ. Бригады ис 4 специалисты. Дыууæ къуырийы дæргъы Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны æркæсдзысты зæрдæ æмæ тугдадзинты низтимæ пациенттæм. зæбæх кæнын кæй бахъæуа, уыдоны квотæмæ гæсгæ арвитдзысты Мæскуымæ. Бакулевы номыл наукон центры эксперттæ æркæсдзысты 180 сывæллонмæ. Нæ республикæмæ специалисттæ фыццаг хатт не ссыдысты. Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад æмæ Бакулевы номыл наукон центрæн ис æмгуыстады бадзырд.
















