Æндæр темæтæм. Республикæйы сæргълæууæджы администраци æмæ хицауады разамонæг Гобеты Ибрагим фембæлд Уæрæсейы федералон разамынддæттæг ахуырады кадрон резервы минæвæрттимæ Цæгат Ирыстонæй. Радзырдтой конкурсон фæлварæнты тыххæй, программæйы ахуырады къæпхæнтæ æмæ фыццаг модулы архайды тыххæй. Фембæлды ма архайдтой хицауады сæрдар Платы Альбинæ, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Бæстæйы рухстауыны министрад бацæттæ кодта иумæйаг æмæ астæуккаг профессионалон ахуырады кадрон резерв. Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ йæм æдæппæтæй хаст æрцыдысты æгас бæстæйæ 70 адæймаджы, сæ хыгъды Цæгат Ирыстоны ахуырады системæйы 3 минæвары дæр: сæрмагонд профучилищæйы разамонæг, регионалон проект “Доблесть Осетии”-йы архайæг Хъаныхъуаты Сергей, регионы ахуырады министрады уæлæмхасæн хайады хицау, сывæллæтты алывæрсыг рæзты центр “Наши дети”-йы бындурæвæрæг æмæ уæрæсейаг æхсæнад “Знание”-йы лектор Мæрзахъулты Элинæ, зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институты проректор, “Флагманы образования” регионалон къæпхæны уæлахиздзау Пухаты Луизæ. Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой разамындæттæг компетенцийы цы зонындзинæдтæ райстой, уыдонæй республикæйы ахуырады системæйы куыд ис спайда кæнæн, ууыл.
















