Абон Дзæуджыхъæуы 29-æм скъолайы ацыд гом урок. Йæ темæ уыд Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонимæ баст. Мадзалы архайдтой 20 ахуыргæнинагæй фылдæр. Сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой, радзырдтой æмдзæвгæтæ.
Гом урок бабæрæг кодтой парти «Иугонд Уæрæсей»-йы уæнгтæ дæр. Сколайæн балæвар кодтой Хетæгкаты Къостайы портрет æмæ чингуытæ. Партийы уæнгтæ ахæм акци снысан кæнынц æрвылаз.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон фидаргонд æрцыди 2003-æм азы. Уæдæй фæстæмæ йæ нæ республикæйы æмæ фæсарæнты цæрæг ирæттæ сбæрæг кæнынц парахатæй. 1899 азы 15 майы фыццаг хатт рацыд мыхуыры Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр».
















