Сывæллæттæ ахæм куысты лæуд фыццаг хатт сты. Æрмæст регистрацийы тæрхæджы раз кæй æрлæууыдысты, уый дæр сын æхсызгондзинад хæссы. Куысты сусæгдзинæдтæ сын бæстон æвдисынц. Хыгъды хъæугæ рейс ссарын, регистраци скæнын æмæ хæссинæгтæ радтын. Ласинæгтæ кæм æвзарынц, уыцы хайады скъоладзаутæ фыццаг хатт сты.
Бынатӕвдисӕг талонимæ дарддæр цæуæм атахты зонæмæ. Фæлæ уал рагагъоммæйы басгæрст. Къухы хæссинæгты хъуамæ тæнгъæдтæ 100 миллилитрæй фылдæр ма уа. Уыимæ ма цыргъаг предметтæ дæр. Фæсивæд æппæт домæнтæ рагацау зыдтой. Æркаст ацыдысты æнæкъуылымпытæй. Аэропорты кусджытæ ма сын радзырдтой, бæллæхтæ чи расайы, ахæм дзауматæ куы раиртасынц, уæд сæ архайд цы хуызы вæййы, уый. Уæд спайда кæнынц портативон локализатор “Фонтан”-æй.
Таможнæйы ӕркаст ацæуынц фæсарæнтæм балцты. Службæйы кусджытæ кæсынц фæсарæйнаг æхца, паддзахадон хæрзиуджытæ, культурон хæзнатæ, зынаргъ дзауматæ, стæм цæрæгойты бæстæйæ ласыны фæткмæ. Кæронбæттæн къæпхæн – арæнхъахъхъæнджыты æркаст – фæсарæйнаг паспорты æрæвæрынц нысан бæстæйæ цæуыны æмæ æрбахизыны тыххæй. Æппæт цæстарæн мадзæлттæ фесты æмæ сывæллæттæ сæ ных хæдтæхæгмæ сарæзтой. Телескопон асин сын дуары раз æрæвæрдтой.
Æппæты ахсджиагдæр службæ у аварион-ирвæзынгæнæн. Уый дзуапп дæтты уæлдæфон науы æдасдзинадæн. Зынгсирвæзты рæстæг специалисттæ алкæддæр цæттæ вæййынц. Машинæйы ис 7, 5 тоннæйы дон æмæ 420 литры хуыссынгæнæн буаргъӕдтæ. Ам дæр æрыгон адæмæн радзырдтой куысты архайды тыххæй. Бирæтæ ма сæрмагонд хæдтулгæйы кабинæйы дæр сбадтысты. Зынгхуысснгæнæн хæтæлæй дон дæр раттой.
Цымыдисагæй рæстæг арвитын алкæй зæрдæмæ дæр фæцыд. Дисы æрмæст сывæллæттæ нæ, фæлæ ма хистæртæ дæр бацыдысты.
Аэропортмæ ахæм экскурситæ аразын райдыдтой афæдзы райдианæй. Бынæттон кусджытæ сæ æрыгон уазджытыл зæрдиагæй сæмбæлынц. Æхсызгонæй сын раргом кæнынц сæ куысты фæтк. Сайты ис æппæт хъæугæ информаци.
Æмæ кæд сывæллæттæн фидæны дæсныйад равзарынмæ рæстæг ис, уæддæр ацы бон цы æнкъарæнтæ райстой, уыдон сæ зæрдæты баззайдзысты.
















