Дзæуджыхъæуы рог хæдтулгæйы шофыр фæндагыл нæ сарæхст æмæ æрлæууæнмæ йӕхи бахаста. Хъыгдард баййæфтой дыууæ адæймаджы.
Республикæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй авари æрцыд райсомы 9 сахаты æмæ 30 минутыл. «Шевроле-Круз» скъуырдта, Къостайы проспекты 237-æм хæдзары цур æрлæууæны транспортмæ цы 49-аздзыд сылгоймаг æмæ 41-аздзыд нæлгоймаг æнхъæлмæ кастысты, уыдоны. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сын фыццаг æххуыс бакодтой, дарддæр сæ дохтыртæ Республикон клиникон рынчындонмæ фæхæццæ кодтой.
















