Аллергийæ кæмæ ис, уыдон сæрды æртыккаг мæй сæхиуыл уæлдай тынгдæр банкъарынц. Уымæн æмæ августы амбрози дидинæг калын райдайы. Зианхæссæг зайæгой скуынæг кæныныл архайынц Дзæуджыхъæуы префектурæтæ. Хæмпæлгæрдæг ныккарстой Плиты Грисы номыл уынджы дæр.
Амбрози зиан хæссы куыд хистæр кары адæмæн, афтæ сывæллæттæн дæр. Уый тыххæй йæ аиуварс кæнынмæ уæлдай цæстдард ис. Горæты зианхæссæг кæрдæг кæм зайы, ахæм бынат чи фена, уыцы цæрджытæн сæ бон у бадзурын администрацийы колл-центрмæ, номыр — 30-30-30.
















