Контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы кусын райдыдта уæзласæн хæдтулгæтæн электрон рад. Уый тыххæй хъусын кæнынц Фæндаггон фæтк нысан кæныны центрæй. Йæ разамонæг Æккæлаты Алыксандр куыд фæнысан кодта, афтæмæй, регионы разамонæджы бардзырдмæ гæгæ, программæйыл бакуыстой республикæйы Нымæцон райрæзты комитетимæ иумæ. Йæ фæрцы, Уæрæсейы арæны сæрты чи хизы, уыцы транспортæн рад нысангонд цæуы электрон хуызы.
Афтæмæй, республикæйы æрбынат кæндзысты æртæ иумæйаг посты: Ираныхъæу, Алханчурт æмæ Цымийы цур. Æппæты дæр рад хæсдзысты Паддзахадон автоинспекцийы æмæ Фæндаггон фæтк нысан кæныны центры кусджытæ. Рады слæууыны тыххæй хъæуы посттæй иуы уылты ацæуын – шофыр-иу регистрацигонд æрцæудзæн æмæ йын дæтдзысты сæрмагонд номыр. Уавæры тыххæй бæлвырд информаци фенæн уыдзæн онлайн хуызы дæр, центры сæрмагонд фарсыл интернеты.
















