Сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтдунеон бонмæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд «Мадæлон æвзагыл аив кæсын» -ы онлайн-конкурс. Архайдтой дзы 14 азы кæуыл нæма сæххæст, ахæм сывæллæттæ.
Конкурс аразджытæ фæсивæдон организаци «Иры фасивад» æмæ парти «Родина»-йы уæнгтæ. Уæлахиздзауты схорзæх кодтой нæ республикæйы сæргълæууæджы номæй. Æдæппæтæй дзы бацархайдтой 150 сывæллоны Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй.
















