Æнæнхъæлæджы уавæры рæстæг цæттæ уæвын æмæ раст архайын сарæхсын. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ сæрмагонд ахуыртæ.
Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, скъоламæ бабырстой дыууæ нæлгомаджы хæцæнгарзимæ. Бынаты æрцахстой хъахъхъæнæджы æмæ фæнд кодтой ахуыргæнджытæ цы къласы уыдысты, уырдæм бацæуын. Фæлæ сын нæ бантыст. Æвæстиаты хъусынгæнæн системæйы дзæнгæрæгмæ Уæрæсейы гвардийы уæнгтæ бынаты балæууыдысты цыбыр рæстæгмæ. Сæ раст æмархайды ‘руаджы бантыст фыдгæнджыты баурмын. Тренировкæты архайдтой 2 экипажы – æдæппæтæй 6 адæймаджы. Семæ уыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахæм профилактикон мадзæлттæ арæзт цæуынц æппæт бæстæйы 29 æмæ 30 августы.
















