Дзæуджыхъæуы байгом кодтой 1-æм фæсивæдон форум «СМИ МЫ». Скъоладзаутæн æмæ студенттæн радзырдтой дзыллон информацион фæрæзты ахадындзинады тыххæй ныры æхсæнады.
Раззагдæр журналисттæ, фысджытæ, PR-технологтæ, хуызисджытæ, æмæ SMM-специалисттæ кæнынц дæсныйадӕвдисæн ахуыртæ. Фæсивæдæн амонынц мæнг хъусынгæнинæгтæ æцæг хабæрттæй иртасын, информацион тыгъдады арæхсын.
Фæнд кæнынц форум æрвылазон скæнын, уыимæ ма дзы саразын практикон хай дæр. Йæ аразджытæ сты мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитет.
















