Адæмæн йе ‘сфæлдыстад у уарзон æмæ хæстæг. Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, журналист Гуырдзыбеты Иринæ абон бæрæг кæны йæ юбилей. Республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, фысджыты цæдисы уæнг… Йæ бæстæйы патриот, стыр курдиаты хицау æмæ зæрдæхæлар адæймаджы тыххæй нæ дарддæры æрмæг.
Фыццаг æмдзæвгæ Гуырдзыбеты Иринæ ныффыста, цыппар азы йыл куы цыд, уæд. Уый уыди фыстæг йæ фыдмæ хæстмæ. Æмæ кæд нырма саби уыд, уæддæр рæнхъытæ рауадысты мидисджын æмæ æнкъарæнтæй æххæст. Адæмон поэт куыд зæгъы, афтæмæй æмдзæвгæ ныффыссыны нысан йæ разы никуы сæвæры. Хъæугæ æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ йæ сæхæдæг ссарынц.
Царды хъæздыг ахорæнтæ, дзырды фарнæй пайдагæнгæйæ, æвдисын базыдта, скъоладзау ма куы уыди, уæд. Йæ æмдзæвгæтæ йын газетты мыхуыр кæнын уæд райдыдтой. Йе ‘сфæлдыстады сæйрагдæр нысан хоны уацмыс кæсæгисмæ ныхас кæнын.
Гуырдзыбеты Иринæ фыссы алыхуызон жанрты: радзырдтæ, лирикон сагъæстæ, ӕмдзæвгæтæ, поэмæтæ… Профессионалон журналист уæвгæйæ, у 100 аивадон нывæгæй фылдæры автор. Фæлæ уæддæр æмдзæвгæтæ фыссын никуы ныууагъта. Зæрдæмæхъаргæ æмæ аивзæл кæй сты, уый тыххæй арæх свæййынц зарджыты текстытæ.
Уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта Цæгат Ирыстоны гимн, стæй бирæ ирон поэтты æмдзæвгæтæ. Уæдæ йæхи æмдзæвгæтæ дæр бирæ æвгæгтæм цæуынц тæлмацгонд. Ныффыста Дзæуджыхъæуы, Национ зонадон чиныгдоны æмæ 58-æм æфсады гимнтæ. Йе ‘сфæлдыстад ӕвдыст ӕрцыд æмдзæвгæты 15 æмбырдгонды.
Поэзийы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдоны Иринæ æрбамбырд кæны клуб «СТИХиЯ»-йы. Æххуысы, уынаффæйы, критикæйы фæдыл æрмæст æрыгон поэттæ не ‘рбацæуынц. Клуб зынаргъ у, сфæлдыстадæн стыр аргъ чи кæны, уыдонӕн та сӕ уарзондæр бынат. Йæ æргомзæрдæ поэзиимæ йын иу хатт чи базонгæ вæййы, уый нæ рох кæны. Йæ алыварс цы адæм ис, уыдоныл кæддæриддæр æнувыд у.
Гуырдзыбеты Иринæ хорзæхгонд у «Ирыстоны Нымысы» майданæй. Национ зонадон чиныгдоны сæйраг редакторæй та кусы ныр 30 азæй фылдæр. Абон, йæ 85 азы сæрты ахизгæйæ, у хъæлдзæг æмæ уæнгрог.
















