Цæгат Ирыстоны медицинон академийы дзæбæхгæнæн факультеты 5-æм курсы студенткæ Абайты Кристинæ рамбылдта грант курдиатджын фæсивæдæн æххуысы программæ “Умник”-ы 500 мин сомы схардз кодтой æвзæр низ рагагъоммæ раиртасыны центр байгом кæныныл. Ныр кæй фæнды, уымæн йæ бон у йæхи ныффысын æмæ консультацимæ æрбацæуын. Пациент сылгоймаг у æви нæлгоймаг, цал азы йыл цæуы, стæй йæ медицинон бæрæггæнæнты цавæр хицæндзинæдтæ ис, уыдонмæ кæсгæйæ специалисттæ раиртасынц, тас ын у хæстæгдæр рæстæг онкологи фæзынынӕй, æви нæ, уый. Ахæм центр нæ регионы у фыццаг.
Проект сæххæст кæнынмæ бахъуыд афӕдз. Балхæдтой хъæугæ кусæнгарз стæй наукон литературæ. Йæ сæйраг хæс у – æвзæр низмæ æмхицдзинад рагацау рабæрæг кæнын æмæ дарддæры диагностикæйæн амындтытæ скæнын. Проекты фыццаг бацархайын бафæндыд республикæйы парламенты сæрдар Тускъаты Таймуразы.
















