Цæгат Ирыстоны нæ фаг кæны ирон æвзагыл чи фыссы, ахæм журналисттæ. Уый тыххæй пресс-конференцийы рæстæг фехъусын кодта мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Фидараты Юрий. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдонæн абон ахсджиаг у æппæт уавæртæ дæр аразын. Сæ æрмæг кæм æвдисой, ахæм æркастытæ æмæ алыхуызон сфæлдыстадон фæзтæ.
Кусджытæ фаг нæй районты газетты дæр. Ам фæнд кæнынц профилон факультетæй студенттæм сидын практикæмæ. Фидараты Юрий радзырдта, ноджы ма 3 районы кæй фæзындзæн «Ног бон»-ы киосктæ. Ис дзы прессæ, националон чингуытæ æмæ журналтæ ссарын.
Ноджы ма иу фарста — рауагъдад «Ир»-ы уавæр. Ныртæккæ архайынц, цæмæй йæ раивой паддзахадон автономон уагдонмæ. Афтæмæй, æхцайы фæрæзты кæцыдæр хай исдзæн республикон бюджетæй. Бафтаудзыстæм ма, «Ир» кæй у Цæгат Кавказы рагондæр рауагъдадтæй иу, ацы аз ыл æххæст кæны сæдæ азы. Уадзынц ирон æвзагыл литературæ, мыхуыр кæнынц зындгонд ахуыргæндты куыстытæ.
Ныхас ма цыд информацион тыгъдады цы мæнг хъусынгæнинæгтæ парахат кæнынц, ууыл дæр. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, куыд сæ ис ма уадзын рапарахат кæнын. Уæлдай дæр та — сæрмагонд æфсæддон операцийы фæдыл хъусынгæнинæгтæ. Уый тыххæй та фæнд кæнынц дзыллон-информацион фæрæзты редакторты фембæлдтæ аразын.
















