Цæгат Ирыстон æрбамбырд кодта бæстæйы æрыгон дзюдоистты. Юниорты ‘хсæн æппæтуæрæсеон ерыстæ цæуынц Дзæуджыхъæуы. Сæдæ спортсменæй фылдæр, æмæ алчидæр йæ ных сарæзта æрмæст уæлахизмæ. Сæ арæхстдзинад æвдисдзысты дыууæ боны.
Ам алчидæр бæллы æрмæст уæлахизмæ. Фæсивæд ерыстæм сæхи рагæй цæттæ кодтой, уый тыххæй архайынц бæрзонд æмвæзадыл. Ныхмæлæууæгыл фæтых уæвын æмæ тыхджындæр разынын æнцон нæ уыдзæн. Уый фыццаг боны хатдзæгтæм гæсгæ дæр бæрæг у.
Спортсмены 23 азы онг. Дзюдоисттæ æрбамбырд сты бæстæйы 15 регионæй. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы ис 70 адæймаджы. Ерыстæ цæуынц Спортивон хъæбысхæсты тренировкæгæнæн центры.
Æппæтуæрæсеон турнирæй ссардтой Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы ном. Арæзт у Аланийы аргъуыды 1100 азы бæрæгбоны мадзæлтты фæлгæты. Ерысты аразджытæ — регионы Спорты министрад æмæ Дзюдойы федераци. Турнир ахæсдзæн дыууæ боны. Абон хæцыдысты 81 килограммы онг спортсментæ. Райсом — уымӕй уӕззаудӕр дзюдоисттæ.
















