Дзæуджыхъæуы Темыраты æфсымæрты номыл уынджы æртыццæджы æхсæв газ срæмыгъта. Фыдбылыз æрцыд æртыккæгæм уæладзыджы ног арæзт бирæфатерон хæдзары. Срæмыгъдӕй рудзгуыты æвгтæ базгъæлыдысты, дыккæгæм æмæ æртыккæгæм уæладзгуыты ‘хсæн та къул афаз ис. Хъыгдæрд баййæфтой уатты ‘хсæн ӕвӕрд цæджындзтæ.
Бæстыхайы ма æрцыд зынгсирвæзт. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ 70 квадратон метры фæзуаты арт ахууысын кодтой. Æдас ранмæ рахуыдтой æхсæз адæймаджы. Цæрджытæй хъыгдæрд ничи баййæфта. Ныртæккæ иртасынц фыдбылызы фæстиуджытæ. Терчыфале зылды прокуратурæ сарæзта басгæрст.
















