Дзæуджыхъæуы полигоны цы зынгсирвæзт æрцыд, уый ахуыссын кодтой. Ныртæккæ иуварс кæнынц фыдбылызы фæстиуджытæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æндæрæхсæв, гæнæн ис, æмæ тæвд боныхъæды аххосæй полигоны бырон йæхимидæг ссыгъд. Специалисттæ бынаты кусдзысты, цалынмæ уавæр бæстон не сбæрæг кæной, уæдмæ.
















