Ныртæккæ æвзæр боныхъæд цы уавæр сæвзæрын кодта, уымæ хицауады ‘рдыгӕй уæлдай цæстдард ис. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы расидт республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæм, цæмæй ацы бонты тæрккъæвдатæй тæссаг рæстæг æххæст кæной æдасдзинады домæнтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвæстиаты æххуысы службæтæ ныртæккæ кусынц уæлдай тыхджындæрæй. Æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ иуварс кæнынц æвæстиатæй. Æрыдоны æмæ Горæтгæрон районы тæркъæвдатæ æмæ их цы зиан æрхастой, уымæ æркастысты нæ республикæйы. Уæлдай хъыгдард баййæфтой хъæууонхæдзарадон зæххытæ. Сæдæгай гектартыл цы сагъд уыд, уымæй ницыуал баззад.
Тыхджын ихуард 15 минутмæ Æрыдоны районы ныппырх кодта 250 гектарыл сагъд нартхор. Уый дæр нырма рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Фæлæ Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрады æмбарынц, æмткæй райсгæйæ, æвзæр боныхъæд цы зиан æрхаста, уый гыццыл кӕй нæу. Уымæн æмæ зӕххы 1 гектар бакусыныл схардз кодтой 50 мин сомæй фылдæр.
Æппæты фылдæр хъыгдард баййæфта Горæтгæрон район. Хъæууонхæдзарадон кондадон кооператив «Замджин»-ы фесæфт 533 гектарыл сагъд нартхор. Гæнæн ис, æмæ уыцы зæххыл æппындæр мацыуал æрзайа. Куыстуаты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, аххосджын у ихы ныхмæ тохгæнæг службæ.
Æмткæй райсгæйæ, тæрккъæвда ныддæрæн кодта Горæтгæрон районы мин æмæ ‘рдæг гектарæй фылдæр. Районы дзуапдæттæг управленийы дæр уавæр хорзыл нæ нымайынц. Фермертæн, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ хæрдзтæ се ‘фтиæгтæй дзæвгар фæфылдæр уыдзысты.
Æвзæр боныхъæды аххосæй хъыгдард æрмæст хъæууонхæдзарадон зæххытæ нæ баййæфтой, фæлæ цæрджыты хæдзæрттæ дæр. Адæм сæхæдæг тæрккъæвдайы фæстиуджытæ иуварс кæнынц.
Бон раздæр та ма Бæтæхъо æмæ Зилгæйы ‘хсæн микроавтобус фӕиртӕст фӕндагӕй ӕмӕ афӕлдӕхт. Иу адæймаг дзы фæмард. 16 адæймаджы æдас ранмæ ракодтой ирвӕзынгӕнджытӕ. Ӕххуыс кӕй бахъуыд, уыдонӕй дыууæ уыдысты сабитæ. Ныртæккæ сты сывæллæтты клиникон рынчындоны.
Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикæйы управленийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй æвзæр боныхъæд ма ахæсдзæн дыууæ боны. 15-æм æмæ 16-æм июны дæр, гæнæн ис, æмæ æрцæуой тæрккъæвдатæ тыхдымгæ æмæ ихуардимæ.
















