Дзæуджыхъæуы цыппар футболон командæйы фондз боны дæргъы архайынц турниры уæлахиздзаутæ суæвыныл.
Спортивон скъола «Юность»-ы цæуынц футболæй ерыстæ æрыгæтты ‘хсæн. Боны дæргъы æмбæлынц дыгай къордтæй футболон фæзыл. Турнир арæзт у нæ бæстæйы спорты министрады хъæппæрисæй. Ног азы бæрæгбæтты рæстæг снысан кæнынц спорт æмæ æнæниздзинады декадæ. Фондз боны дæргъы Дзæуджыхъæуы саразынц алыхуызон турниртæ æмæ ерыстæ. Сæ сæйраг нысан — æнæниз царды уаг парахат кæнын. Ерыстæ ахæсдзысты 8 январы онг.
















