Дзæуджыхъæуы дыууæ æнахъом сывæллоны сыгъдхъæстæ фесты. Æвæстиатæй сæ фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Се ‘нæниздзинадæн ныртæккæ тас ницæмæй у.
Рагагъоммæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ фæхъæстæ сты газы колонкæйы аххосæй. Дæргъвæтин рæстæг 2 æмæ 14-аздзыд сывæллæттæ фæуылæфыдысты газы тæфæй. Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæты министрад слестгæнæн мадзæлтты агъоммæ аразы басгæрст.
















