Зындгонд ахуыргонд Абайты Васойæн Дзæуджыхъæуы сæвæрдзысты цыртдзæвæн. Абон фарстайыл бæстонæй дзырдтой архитектурæ æмæ горæты арæзтады комитеты.
Кусæг æмбырды рæстæг бæрæг кодтой фидæны цыртдзæвæны бынат. Фæнысан кодтой цалдæр хъуыдыйы, фæлæ уынаффæ хаст нæма æрцыди. Цыртдзæвæны хуыздæр проекты конкурс ныридæгæн ацыд.
Жюри уæлахиздзауы равзæрста 20 архайæджы ‘хсæнæй. Хуыздæр разынд скульптор Цхуырбаты Оледжы куыст. Абайты Васойы фигурæ арæзт уыдзæн бронзæйæ.
















