Республикæйы шофыртæ видеоцæстдарæн камерæтæ кæм æвæрд сты уый бæстонæй зонынц. Ныридæгæн сты 41. Уыдон нысан кæнынц фæндаггон змæлды фæтк чи халы уыдоны. Республикон фæндæгты комитет ма фæнд кæны ноджыдæр 57 камерæйы сæаæрын. Ныртæккæ æвзарынц арæзтадон куыстуат. Уыдон Сывæрдзысты дыууæ хуызы камерæтæ. Сæ иутæ фæзындзысты тигътыл. Уыдон уыцы иу рæсæг нысан кæндзысты цалдæр закъонхæлды. Дыккаг хуызы камерæты сæйраг нысан уыдзæн шофыры рæстæмбис тагъдад бæрæг кæнын. Ахæм камерæтæ хуыйнынц «Система Рубеж», зæгъгæ. Профилон куыстуат куыд фехъусын кодта афтæмæй фæнддагон æдасдзинадмæ рмæст камерæты хуызы сæ цæст нæ дардзысты.
Солиты Тариэль. РЦИ-Аланийы фæндаджы комитеты хæдзарады сæрдар: «Пълан снысан кодтам. 150 милуан сомæй 180 милуан сомы онг фæнд кæнæм канд видеоцæстарæн системæйыл нæ фæлæ æмткæй райсгæйæ фæндаггон змæлды æдасдзинады хъуыддæгтыл схардз кæнын. Зæгъæм сæрмагонд нысæнттыл, ног светофортыл æмæ æндæр мадзæлттыл».
















