Ацы аз 160 азы æххæст кæны ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл. Бæрæгбоны агъоммæ нæ республикæйы аразынц алыхуызон кадджын мадзæлттæ. Сæ иу абон ацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Ахуыргæнæндон хæссы Хетæгкаты Къостайы ном. Куы йæ снысан кодтой, удæй нырмæ та рацыд 80 азы. Афтæмæй, уæлдай ахсджиаг бæрæгбон у университетæн. Абон цы квест сарæзтой #Коста160, зæгъгæ, уым архайдта не`сфæлдыстадон къорд дæр. Кадджын мадзæлттты тыххæй нæ уацхæссæг Къуымæллæгкаты Фатимæйы æрмæг.
Къостайы æмдзæвгæ англисаг æвзагæй ратæлмац кæнын, кæнæ Цæлыккаты Аннæйы къам сæмбырд кæнын. Уыцы æмæ ма бирæ андæр цымыдисаг конкурсты архайынц нæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ. Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилейы номыл уыдон сарæзтой квест.
ЦИПУ историкон факультеты декан Плиты Зæринæ: «Мадзалы сæйраг нысан у нæ зынгонд фыссæгХетæггаты Къостайы ном æрмысын. Равдисын фæсивæдæн кæм црд æмæ кæм куыста, уыцы бынæттæ. Раттам цын бар бафæлварын сæ тыхтæ æмæ сæ зонындзинæдт. Æмæ раст зæгъгæй хаддзæгтæ нæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты».
Сæрмагонд мадзæлттæ райдыдтой абон райсомæй. Ирон аргъуаны пантеоны Хетæгкаты Къостайы цфртдзæвæнмæ адæм дидинджытæ æрбахастой. Уый фæстæ, архайджытæ апырх сты конкурсы сæйраг бынæттæм. Æдæппæтæй квесты архайдтой 5 къорды. Алкæцыйы дæр дзы уыди 7 адæймаджы. Фæсивæдæн бацаттæ кодтой алыхузон хъæзтытæ æмæ ерыстæ. Уыцы бынæттæ иууылдæр уыдысты зындгонд фыссæджы цардимæ баст. Йæ хæдзар-музей, сабырдзинады проспекты йæ цырддзæвæны цур, Дзæуджыхъæуы наукон чиныгдон, Сæйраг парк, Ирон драмон театр, Ирон литературæйы музей æмæ æндæртæ.
Архайджытæм уыди æрмæстдæр иу домæн – историкон ахуырад куыд, нæ исой, афтæ. Хъазты фæстæ Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты Наукон чиныгдоны сбæрæг кодтой уæлахиздзауты. Æртыккаг бынат райстой ЦИПУ-йы ирон филологийы студенттæ, дыккаг – аивæдты факультет. Æппæты æвзыгъддæр разынди Хæххон аграрон университеты къорд. Балæвар сын кодтой кады гæххæттытæ æмæ фадат хæхтæм абалц кæнын.
Квесты амидингæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæсивæд афтæ зæрдæргъæвдæй кæй бацархайдта, уый хорз æвдисæн у. Зæрдæ дарынц, Къостайы цард æмæ йе`сфæлдыстад ног фæлтæрæй кæй нæ рох кæндзæн. Ахæм мадзæлтты руаджы та истори æмæ аивад базонын хъуамæ уæлдай æнцон æмæ цымыдисагдæр уа.
















