Красноярскы хатдзæгтæ скодтой фæсивæды ‘хсæн æппæтадæмон Дельфиаг хъæзтытæн. Цæгат Ирыстоны номæй дзы æртыккаг хатт бацархайдта Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледж. Йæ студенттæ систы национ инструментты номинацийы уæлахиздзаутæ. Сæ арæхстдзинад равдыстой ахуыргæнджытæ дæр.
Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы ахуыргæнинæгтæ Дельфиаг хъæзтыты фыццаг бынат кæй бацахстой, уый диссаг нæу. Фæсивæд музыкалон иструменттыл цæгъдынмæ ахæм дæсны сты, æмæ сæ жюри ма фæьбæрæг кæна, уый гæнæн нæ уыд. Систы «Уæрæсейы адæмты национ инструментты» номинацийы уæлахиздзаутæ.
Фæсивæд конкурсы архайдтой фарон дæр. Уæд бацахстой дыккаг бынат. Ацы аз сæвæрдтой нысан — «сызгъæрин» райсын æмæ сæ къухы бафтыд. Сæ разамонæг у Хъоцлаты Сослан. Фæндырдзæгъдджыты къорды архайджытæй иу Хъæцмæзты Сæрмæт музыкæйæ архайы йæ сабибонтæй фæстæмæ. Фæлæ уæддæр Дельфиаг хъæзтыты уæлдай бæрнондзинад æнкъардта йæхиуыл.
Дельфиаг хъæзтытæ сты Олимпиадæйы хуызæн. Æрмæст дзы ерыс кæнынц аивады адæм — зарæггæнджытæ, кафджытæ, къамисджытæ. Афтæмæй сын сæ курдиат фенынц æппæт дунейы. Конкурс ацыди Красноярскы. Сбастой йæ Уæрæсейы адæмты культурон бынты азимæ. Цæгат Ирыстоны номæй дзы уыд 13 адæймаджы.
Дельфиаг хъæзтыты уæлахиздзау дыккаг хатт сси адæмон инструментты хайады ахуыргæнæг Сæлбиты Лианæ. Тедеты Азæмæт æмæ Хъæцмæзты Сæрмæт та райстой æвзист майдантæ. Уымæй уæлдай, Никита Шестаков, Лалыты Миланæ æмæ Икъаты Давид систы дипломты хицæуттæ. Уæлахизыл чи тох кодта, уыдоны нымæц ацы азы бæрц никуы уыд. Æдæппæтæй æртæ мин адæймаджы бæрц. Хæрзиуджытæ та уыдысты æрмæст 106.
Мадзалы кæронбæттæны уыд уæлахиздзауты гала-концерт. Уым бацархайдтой ирыстойнаг фæндырдзæгъдджытæ дæр.
Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, уæлахиз у бирæ куысты фæстиуæг. Уый тыххæй æрмæст курдиат фаг нæу. Студенттæ æппынæдзух кусынц сӕ аивадон райрæзтыл. Æмæ сæ абон хистæртæ сæ сæр бæрзæндты хæссынц.
Аивæдты колледжы Дельфиаг хъæзтыты архайдта æртыккаг хатт. Алы уæлахизимæ дæр сæ ныфс фылдæрæй фылдæр кæны. Абон цы бæрзонд къæпхæнмæ схызтысты, уый дæлæмæ æруадзæн нæй.
















