«Театральная весна», зæгъгæ, æппæтадæмон фестивалæн скодтой хатдзæгтæ Дзæуджыхъæуы. Йæ архайджытæ — Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон театртæ æмæ æмæ хæдахуыр къордтæ. Мадзал расидтысты республикæйы театралон архайджыты цæдис.
Фестивалы сæйраг нысан – традицитæ бахъахъхъæнын æмæ театрты æмархайд фæхъæддых кæнын. Æрвылаз рæзы мадзалы архайджыты нымæц. Ацы аз фестивалы фыццаг хатт архайдтой инклюзивон театрты къордтæ. Жюрийы уæнгтæ федтой се ‘ппæт номыртæ дæр. Хуыздæртæн аргъ скодтой. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæ, дипломтæ æмæ æхцайы премитæй.
















