Уымæй уæлдай ма абон Сергей Меняйло республикæйы æрыгон цæрджыты дæр фæнысан кодта. Кадджын уавæры сын радта сæйраг документ — Уæрæсейы Федерацийы гражданины паспорт.
Регионы разамонæджы къухæй сӕ райстой 24 чызг æмæ лæппуйы. Уыдон æнтыстдзинæдтæ равдыстой ахуырад, спорт, сфæлдыстад æмæ æхсæнадон архайды. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй егъау бæстæйы гражданин уæвын фæсивæдæн хъуамæ кады хос уа.
















