Уазджытæ сцымыдис сты форумы фыццаг минуттæй: ныры онг æрмæст телевизорæй кæй уыдтой, уыдон рахызтысты сценæмæ. Хæстон журналист Александр Сладков, актер Михаил Пореченков, Фыццаг каналы уацхæссæг Александр Смол, ТАССы Цæгат Кавказы Пятигорскы центры директор Низами Гаджибалаев. Цы радзурой, уый бирæ. Уыцы иу рæстæг регионалон журналисттæм дæр ис фæзминаг митæ. Уазджытæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Сæдæгай фарстатæ æмæ дыууæ боны, цæмæй алы темæ дæр раргом уа. Уæвгæ, архайджытæ дзуаппытæ райсынц суанг æрбахизæны дæр, цалынмæ спикертимæ сæ къамтæ исынц, уæдмæ. Фыццаг каналы уацхæссæг Александр Смол йæ куысты лыстæгдзинæдтæй ницы сусæг кæны. Æргом ныхасмæ цæттæ у. Цавæр у цард телеэкраны æдде æмæ фæскадр цы ‘мбæхст ис?
Ам байхъусæн ис суанг текст раст куыд ныффыссын хъæуы, уымæ дæр. Цы хъæуы мыхуыры рауагъдæдты райрæзтæн, куыд сцымыдис кæнæн ис газеткæсæджы фыццаг рæнхъæй. Спикертæ сæттынц, уый раздæр æнцондæр уыд, фæлæ абон дæр æнæбаххæсгæ нысан нæу. Уæдæ телеуынынады дæр хъуамæ зоной, кæсæджы экраны уæлхъус бафæстиат кæнынæн бирæ сусæгдзинæдтæ ис. Уыцы иу рæстæг иннæ фæзуатыл нейрохызтæй пайда кæныны тыххæй ныхас. Лекцимæ байхъусынмæ æгас бæстæйæ æрцыдысты уазджытæ.
Ног зонындзинæдтæ райсыны фадат, фæлтæрддзинад фæфылдæр кæныны гæнæнтæ. Регионы разамонæг Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй информацион тыгъдады быцæутæ дæр се ‘нцонтæй не сты. Æмæ абон нæ журналисттæ æппæт дæр кæнынц, цæмæй хъæддых лæууой. Ацы форумы уый ирдæй рабæрæг вæййы.
















