Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, Горæтгæрон районы территоримæ æрбаирвæзт диверсигæнæг къорд. Фæнд кæнынц терракт саразын. Ныхмæлæууæджы аиуварс кæнын хъæуы йӕ мидбынаты. Æххуысмæ æрбатагъд кодта уæлдæфон-агурæг штурмон къорд.
Дæлхайады уæнгты хъæуы 4 адæймагæй арæзт фыдгæнджыты къорд ссарын æмæ йæ аиуварс кæнын. Иуы уал дзы ссардтой. Фæлæ иннæтæ цæмæй ма алидзой, уый тыххæй территори алыварсты сæхгæдтой. Кæм æмбæхсынц, уый базыдтой дыууæ сахаты размæ.
БТР æрбацыд операцийы райдайæны хæдфæстæ. Фыдгæнджытæ кæм сты, уырдæм фæцæуынц, бæлвырддæр та – фæхъуызынц. Диверсантты аиуварс кæнынæн бахъуыд æрмæст 20 минуты. Ахæм ахуыртæ цæуынц æрвылаз. Æххуыс сты хорз физикон цæттæдзинад æмæ тæссаг уавæрты цырд фæлæууын зонынæн.
Сæрмагонд тренировкæйы архайдтой Мидхъуыддæгты министрады дæлхайæдтæ, Уæрæсейы гварди, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад æмæ Æдасдзинады федералон службæ. Алы æфсæддонæн дæр йæхи хæс ис, æмæ йæ хъуамæ æнæмæнг сæххæст кæна. Операци къухы бафтдзæн æрмæст кæрæдзийы æмбаргæйæ архайды руаджы. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ уымæ лæмбынæг кӕсынц.
Операцийы рæстæг хъыгдард ничи баййæфта. Диверсантты аиуварс кодтой, ныр кусдзысты сусæггонд бæрæггæнæнтимæ. Æмæ ахæм куыст бакæнын дæлхайæдты кусджыты бахъæуы царды дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр у æмбарын, дæ архайдæй сæдæгай адæмы хъысмæт кæй у аразгæ.
















