Дзæуджыхъæуы мэры кубокы ерыстæ райдыдтой. Турниры фæлгæты архайджытӕ бæхыл бадгæйæ хизынц цæлхдурты сæрты. Æдæппæтæй 10 хæслæвæрды. Кæронбæттæн мадзæлтты фæстæ уæлахиздзауты кадджын уавæрты схорзæхджын кæндзысты лæвæрттæй – дипломтæй, кубоктæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.
Сæ сæрмагонд уæлæдарæс барджытæ скæнынц фæстагмæ. Уый та уый тыххæй, æмæ манежмæ рахизыны размæ уал барæг йæ æфсургъмæ базилы, бацæттæ йæ кæны. Йæ хъуынхъис ын æрфасы, сæкæры къæрттæй йæ хорз фены. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ конкурсы архайæджы уæнгты бауадзынц ныфс аренæйыл хи куыд хуыздæрӕй равдисынæн.
Ацы аз Дзæуджыхъæуы мэрæн ахӕм кубок у фыццаг. Архайынц дзы сывæллæттæ æмæ юниортæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йæ æмвæзад, фаронимӕ абаргæйæ, хъуамæ уа уæлдæр. Программæйы конкур нымад у иуыл цымыдисагдæр къæпхæныл. 75 секундмæ архайæджы, бæхыл бадгæйæ, хъæуы цæлхдурты сæрты ахизын. Æдæппæтæй сты 10.
Бæхтæ æмæ сæ барджытæ ерысты фæлгæты хъуамæ равдисой граци, уой фæразон трассæ хуыздæр æмæ растдæр ацæуынӕн. Дзырдæн зæгъæм, барæджы бон куы нӕ бауа, фæкт нæ халгæйæ цæлхдурты сæрты ахизын, уæд сæ балтæ фæкъаддæр уыдзысты.
Дзæуджыхъæуы мэры кубокы ерыстæ цæудзысты дыууæ боны, фæлæ архайджытӕ сӕхи куыд равдыстой æмæ хуыздæр чи разынд, уый ныридæгæн сбæрæг. Кæронбæттæн мадзæлты фæстæ уæлахиздзауты кадджын уавæрты схорзæхджын кæндзысты лæвæрттæй – дипломтæй, кубоктæй, уыдоны хыгъды ма фитнес кæнынынæн цæнгдарæнтæ.
Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ерысгæнджытæн ацы мадзал хуымæтæг нæу. Йӕ фæрцы фæхæстæгдæр уæвæн ис уæлдæр къæпхæны ерыстæм уæлдай фæлтæрдджындæр ныхмæлæууджытимæ.
















