preloader
сейчас в эфире
14:02
ДЗÆНГÆРÆГ 12+
Смотрите Далее
14:10
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ. РАГОН БÆРÆГБОН КЪАМАТЫХЪÆУЫ 12+
14:45
БИНОНТÆ 12+
15:05
ФÆЗМИНАГ КÆСТÆРТÆ 12+
15:30
ТУГ ХÆССЫ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ДЗÆНГÆРÆГ 12+
close

Хуыбаты Батрадз æмæ Гулуты Миланӕ систы Уæрæсейы ерысты уæлахиздзаутæ æмæ бахаудысты бæстæйы иугонд командæмæ

3.06.2026 16:25

Ерыстӕ кæронмæ æрхæццæ сты. Ныртӕккӕ ахсджиаг у цæттæдзинад ма фесафын, фæлæ ноджы тыхджындæр суæвын. Бæстæйы чемпионаты уӕлахиз фӕллад уадзыны ӕфсон нæу, разæй — Уæрæсейы кубок, уый райдайдзæн 26-æм июны. Æмæ уымæ гæсгæ тренирвокæтæ систы ноджы арæхдæр æмæ бæстондæр.

Хуыбаты Батрадз спорты ныр 14 азы ис. Йæ æнтыстдзинæдты хыгъды — æппæтадæмон турниры уæлахиз Албанийы, дунейы чемпионаты ӕвзист. 18 азмӕ лæппу у Уӕрӕсейы ерысты ӕртӕ хатты уӕлахиздзау ӕмӕ ӕхсӕз хатты призер. Йæхи ерыстæм алкæддæр бæстонæй фæцæттæ кæны. Тохы алы ныхмӕлӕууӕгӕн дӕр архайы йӕхи рæвдзад æмæ стиль ныффидар кæныныл.

Дыккаг сыгъзӕрин Гулуты Миланӕмӕ. Спортмӕ чызг ӕрбацыд йӕ фыды фӕндагыл. Бæстон тренировкӕтӕ, карз дисциплинӕ, алы тохы фæстæ равзæрст. Йæ архайдмæ ахӕм ахастдзинад æй æркодта Уӕрӕсейы ерысты уӕлахизмӕ ӕмӕ иугонд командæйы хыгъдмæ. Миланӕйӕн уый ӕнӕнхъӕлӕджы хъуыддаг нӕу, фӕлӕ æппынæдзухы хиуыл куысты хатдзæг. Зӕгъы, зындзинӕдтыл не ‘мбæлд, ахсджиаг у, сабыр уӕвын ӕмӕ ӕнкъарӕнты хицауиуæг кæнын нæ уадзын. Разæй æрмæст иу нысан — рамбулын.

Сӕхи цӕттӕ кодтой бæстонæй. Бон дыууæ тренировкæйы. Фæсивæдæн ма æмбырдты фадат уыд национ командæйы уæнгтимæ сӕ тыхтӕ бафӕлварынӕн. Уӕрӕсейы чемпионат цыд 20-æм æй 25-æм маймӕ. Архайдтой дзы 500 тхэквондистæй фылдæр. Республикæйы ном хъахъхъæдтой 10 спортсмены.

Ерыстӕ кæронмæ æрхæццæ сты. Ныртӕккӕ ахсджиаг у цæттæдзинад ма фесафын, фæлæ ноджы тыхджындæр суæвын. Бæстæйы чемпионаты уӕлахиз фӕллад уадзыны ӕфсон нæу, разæй — Уæрæсейы кубок, уый райдайдзæн 26-æм июны. Æмæ уымæ гæсгæ тренирвокæтæ систы ноджы арæхдæр æмæ бæстондæр.

Милдзыхты Амалия

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Шахматы и нарды | Доброе утро, Осетия!
20.07.2026
В итоге: 19.07.2026
19.07.2026
Куыд зӕгъай, афтӕ! I 19.07.2026
19.07.2026
Кудзаты Хъазыбек | Аивады фæз
18.07.2026
Язык жизни | Гвардия
18.07.2026
Нымӕтхуд | Агурæг
18.07.2026
Донхорыггæнæн куыстытæ Ирыстоны æмæ Ногхъæуы скъолайы æнтыст I Йæ рæстæгыл
17.07.2026
Национальное возрождение в Осетии в XIX веке | Ход истории
17.07.2026
Хæдзарадон I 17.07.2026
17.07.2026
День подарков I Доброе утро, Осетия!
17.07.2026
Театральный фестиваль «Вахтангов. Путь домой» I Подробнее
16.07.2026
Летняя школа точных наук, студенты СКГМИ в «Тесле» и актуальные новости недели I Самое время
16.07.2026
Æрыгон нывгӕнӕг ӕмӕ рӕвдауӕндонмæ балц | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
16.07.2026
Ацамаз Алборов I Дело мастера
15.07.2026
Репродуктивное здоровье I Среда влияния
15.07.2026
Все рекомендуемое