Сывӕллӕтты фӕзтӕй амфитеатр ӕмӕ кӕсӕн залы онг. Дӕсгай бынӕттӕ иу проекты, йæ ном — “Иугонд”. Багаты Богданæйы уырны, йӕ хъуыдытӕ хорз кӕй сфидаудзысты центрон парчы архитектурӕйы. Цæгат Кавказы хæххæн-метталургон институты студенткæ йæ æхсӕнадон тыгъдады дизайн ӕмӕ пълан равдыста “Горӕттӕ фæлындæн идейӕты” æппӕтуӕрӕсеон конкурсы ӕмӕ бацахста фыццаг бынат.
Рӕстӕг ӕрвитын цымыдисаг кӕм уа, ахӕм тыгъдад саразын. Уый у проекты сӕйраг хъуыды. Богданæйы уырны, раст ахæм хъуамӕ уа нырыккон фӕлладуадзӕн зонӕ. Архитектурӕ ӕмӕ дизайны академийы 3 курсы студенткӕ проект цӕттӕ кодта цалдӕр мӕйы. Ӕмӕ æцӕгдӕр дисы бафтыдта æппӕтуӕрӕсеон конкурсы жюрийы. Кӕд чызг тыхст, уӕддӕр ирдӕй равдыста йӕ куыст Мӕскуыйы.
Ӕппӕтуӕрӕсеон конкурсы фӕуӕлахиз сты архитектурӕ ӕмӕ дизайны академийы 2 студенты. Александр Трасковский та бацахста ӕртыккаг бынат “Ӕхсӕнадон зонӕты хӕрзвадаты” номинацийы. Уый сныв кодта стыр ӕмӕ аив фӕзуат куыйтимæ тезгъо кӕнынӕн.
Дзӕуджыхъӕуы ахӕм бынӕттӕ нӕй. Александрæн йӕхимӕ дæр ис куыдз. Фидарæй зоны — горӕты ӕнӕмӕнг хъӕуынц. Лӕппу йæ проект æрхъуыды кодта лыстӕг хъуыддӕгты онг, уӕлдайдӕр та экологийы цӕстӕнгасӕй. Фæсивæды куыстытӕн къамис скодта аккаг аргъ.
Уӕлахизы сусӕгдзинад, зӕгъынц Богданæ ӕмӕ Александр — хуымӕтӕг. Хъуамæ уарзай дӕ дӕсныйад ӕмӕ дӕ фӕнда райгуырӕн горӕт удӕнцойдӕр скӕнын. Архитектурӕ — бӕллицы дӕсныйад. Ӕмӕ фӕсивӕдӕн сӕ зӕрды ис дарддӕр дӕр ацы здæхты рӕзын.
















