Абон Санкт-Петербурджы йæ куыст райдыдта 29-æм æппæтадæмон экономикон форум. Æмæ фыццаг минуттæй йæ архайд æххæст кæны бæрзонд æмвæзадыл — дискусситæ, фембæлдтытæ, æмныхастæ. Ацы мадзал у традицион, сси дунеон фæзуат глобалон экономикæйы ахсджиаг фарстатыл æрныхас кæнынæн, стратегион контракттæ бафыссынæн. Ацы аз дзы ис 20 мин архайæгæй фылдæр: бæстæты сæргълæуджытæ, уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг егъау куыстуæтты разамонджытæ, амалхъомтæ, эксперттæ. Программæмæ цымыдисдзинад у тынг бæрзонд. Форумы архайы Цæгат Ирыстоны делегаци дæр, йæ сæргъы Сергей Меняйло, атфæмæй. Сæйраг хæс — регионы гæнæнтæ хынцгæйæ, бæлвырд экономикон хатдзæгтæм æрцæуын. Республикæйы минæвæрттæ æмбæлдзысты æмæ бадзырдтæ кæндзысты стратегион æмбæлттимæ, республикæйы социалон-экономикон райрæзты нысанимæ.
















