Чызгӕн ныббырсты хабар фехъусын кӕнын йӕ къухы кӕй бафтыд, фыдгæнæг бæлвырд уый æнхъæл нӕ уыд. Хъыгдард баййафӕг ын йӕ домӕнтӕ сӕххӕст кодта ӕмӕ ӕхца кассӕйӕ радта. Барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтæ æрбацыдысты, уый фенгæйæ, нӕлгоймаг йæ амынӕты уынгмæ ракодта, кард ын йæ хурхыл дардта, афтæмæй. Росгвардионтӕ йын уайтагъд йӕ къах фехстой. Фӕлӕ уымæн уӕддӕр чызджы фӕцӕф кӕнын бантыст. Цауӕн ӕвдисӕн систы цалдӕр адæймаджы. Сæ иуы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы районы быцӕутӕ арӕх æрцӕуы.
Чызджы аластой Тагъд медицинон ӕххуысы клиникон рынчындонмӕ. Хъыгдард баййафӕджы уавӕрӕн аргъгонд цӕуы рӕстӕмбис уӕзы къӕпхӕныл. Ныртӕккӕ йӕ цардӕн тас ницӕмӕй у.
Чызджы фервӕзын кӕнын бантыст Росгвардийы кусджыты ӕмзонд архайды фӕрцы. Лӕбурӕджы ныхмӕ хӕцӕнгарзӕй спайда кодта Саулохты Альберт. Хистӕр пъӕлицӕйаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, амынӕты ауадзыны домӕнтӕн нӕлгоймаг дзуапп нӕ лæвæрдта.
Рагагъоммӕ рабæрæг. Ӕрыдоны цӕрӕг нӕлгоймаг, 10 азы бӕрц уыд баст наркотиктæ æмæ хъæзтытимæ. Йæ ныхмӕ раздӕр дæр байгом кодтой 3 хъуыддаджы. Дыууæ сæ — кредитон хӕсмӕ гӕсгӕ.
Нæлгоймаджы бахӕццӕ кодтой республикон клиникон рынчындонмӕ. Уымæн дæр йӕ цардӕн тас ницӕмӕй у.
















