Сæ митæй хъыгдæрд чи баййæфта, уыцы сылгоймаг радзырдта хъуыддаг куыд уыд, уый. Горæты уынгтæй иуы чызджы цур баурæдта хæдтулгæ. Уырдыгæй рахызт дыууæ нæлгоймаджы.
Иу дзы йæхи бацамыдта уголовон агуырды кусæгæй. Уый фæстæ знаггадгæнджытæ сылгоймагæй домын райдыдтой æхца. Сылгоймаг куы нæ сразы, уæд æй тыххæй сбадын кодтой хæдтулгæйы. Байстой йын йæ чырæ телефон, уыимæ ма электрон æгъдауæй раафтид кодтой йæ банчы картæ. Знаггад куы сарæзтой, уæд хæдтулгæ фæцыдæр ис. Оперативон мадзæлтты рæстæг тыхми аразджыты æвæстиатæй æрцахстой.
Куыд рабæрæг, афтæмæй сты Дзæуджыхъæуы 37 æмæ 28 аздзыд цæрджытæ. Цымыдисаг хъуыддаг – давды руаджы цы ’хца бафтыд сæ къухы, уыдоны фæрцы наркотиктæй куы фæхъæста сты, уæд хи аххосæй фæндаггонд фыдбылызы бахаудысты, ома сæ машинæ дзыхъхъы ныххауд, æмæ ныр дæр састæй лæууы. Пъæлицæйæгтæ ацы цауы тыххæй байгом кодтой уголовон хъуыддаг 161 статьямæ гæсгæ «Давд».
















