Сæйраг парчы дарддæр халынц æрдæгарæзт бирæуæладзыгон объект. Куыстытæ цæуынц æрвылбон. Бацæттæ кодтой хæлддзæгтæ хæссынæн сæрмагонд фæрæзтæ æмæ бынат. Уыцы иу рæстæг объект халынц 10 адæймаджы, архайынц сæрмагонд крантæй.
Объект калдзысты къæпхæнгай. Иу уæладзыг иннæйы фæдыл, афтæмæй. Алы уæладзыгæн дæр бахъæудзæн дыууæ къуырийы бæрц. Ныридæгæн уал æй ссыгъдæг кодтой уæлдай уæз æмæ дурæй. Горæты цæрджыты æдасдзинады тыххæй объекты алфамбылай у æхгæд. Пъланмæ гæсгæ куыстытæ хъуамæ фæуой афæдзы рдæгмæ.
















