Заууат хæдзары сæр, къултæ æмæ коммуникацитӕ. Ахæм уавæры уыд Ирыстойнаг уынджы 23-æм хæдзар. Арæзтадыл цæуы 60 азы бæрц. Хæдзары цæрджытæ сæ цæрæн бынат сног кæныны курдиат бахастой бындурон цалцæджы фондмæ. Куыстытæ сæххæст кæныныл сразы сты сæрмагонд уавæрмæ гæсгæ. Арæзтады 80 проценты бæрц хъуамæ цæрджытæ сæхæдæг баххæст кодтаиккой.
Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг уынджы æртæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ цалцæгмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. 65 азы размæ амад хæдзармæ зылд никуы уыд. Бирæ азты дæргъы тагъдысты цар дæр æмæ дондзæуæн хæтæлтæ дæр. Уæдæ базилинаг уыд йе ‘ддаг бакаст дæр.
Цæрджытæн баххуыс кодтой республикæйы бындурон цалцæджы фонды.
Ныртæккæ хæдзар у аив. Цæрджытæ сæ райдзаст бахизæнтæ цингæнгæйæ æвдисынц.
Республикæйы бындурон цалцæджы фонды нын куыд радзырдтой, афтæмæй ацы хæдзары иннæтæ дæр бафæзмиккой, фæлæ фиддонтæ нæ хæссынц. Ныр та уал кусынц бындурон цалцæгæн фидын кæй нæ фæнды, уыдонимæ.
Бындурон цалцæджы фонды та зæрдыл лæууын кæнынц, бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæй фиддонтæ чи хæссы, уыдоны цæрæнуæттæ фыццаджыдæр кæй æрцæудзæн цалцæггонд.
Дзæдзойты Фатимæ
















