Нæ программæйы кæронбæттæн спорты тыххæй. Дзæуджыхъæуы сарæзтой æппæтуæрæсеон чемпионат теннисæй. Фæзтыл фембæлдысты æгас бæстæйæ профессионалтæ æмæ спорт уарзджытæ. Матчтæ рауадысты ирд æмæ цымыдисаг. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Академи “Асгард”-ы спортивон бæрæгбонмæ сæмбæлд бирæ адæм æгас бæстæйæ. Кæфтытæ, зарджытæ, æмæ, æнæмæнг, цины æнкъарæнтæ. Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат теннисæй байгом кодтой кадджын уавæры.
Кадджын мадзалы фæстæ – турнирмæ цæттæгæнæн рæстæг. Матчты размæ базылдысты корттæм. Ерыстæ сты фыццаг къæпхæны æмæ цæуынц уæрæсейаг чемпионаты фæлгæты. Хуыздæртæ суæвыныл архайынц теннисисттæ-ветерантæ æмæ ацы спорты фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдон. Сæйраг домæн архайджыты кар – 30 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæмтæ.
Чемпионаты æртыккаг бон. Нæ республикæйы номæй дзы архайы Цæллагты Иннæ. Фыццаг сеты кæронбæттæн фембæлды æмбулы 4:3 хыгъдимæ. Стыр теннисмæ Иннæ æрбацыд 7 аздзыдæй. 14 азы онг тренировкæ кодта Дзæуджыхъæуы, дарддæр 4 азы Барселонæйы. Фæстæдæр спорт ныууагъта, фæлæ цыбыр рæстæджы фæстæ ракеткæ ногæй йæ къухтæм райста.
Виолетта Холод та кæд профессионал нæу, уæддæр Уæрæсейы Вет-туры нымад у фыццаг ракеткæйыл. Стыр теннисы архайы 9 азы. Финал æнцон нæ рауад, фæлæ йæ ныфс æрмæст уæлахизыл дары.
Матчтæ цæуынц куыд хицæнтæй, афтæ къордгай дæр. Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат æрбангом кодта 100 архайæгæй фылдæры.
Ацы хъазт хуымæтæг нæу, фæлæ у цымыдисаг. Домы цырд архайд æмæ лæмбынæгдзинад. Уæдæ физикон цæттæдзинад дæр хъуамæ уа æмбæлгæ æмвæзадыл. Стыр теннисы хи бафæлварын се ‘ппæты бон дæр у, фæлæ хъуамæ цæттæ уай зындзинæдтæм.
Ерыстæ цыдысты 5 боны. Цæгат Ирыстонæй дзы архайдтой 20 адæймаджы. Ветеранты ‘хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат равдыста: стыр теннис парахат кæй у, архайæн дзы ис алы карæн дæр.
















